Урсы къуыри

Бæрæгбæттæ дарддæр цæуынц. Базарадон-экономикон техникумы студенттæ дæр бацархайдтой Урсы къуыри хъæлдзæгæй арвитыныл. Зарджытæй, кæфтытæй æмæ лауызтæй техникумы кæрт саив. Цымыдисаг костюмты арæзт фæсивæд та сарæзтой равдыст. Бæрæгбонмæ ’рбахуыдтой сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгты, скъоладзауты æмæ æхсæнадон организациты минæвæртты. Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм хуызы ныр цыппæрæм аз бæрæг кæнынц Урсы къуыри. Студенттæ сæхæдæг фыхтой лауызтæ æмæ сæ аивæй æвæрдтой стъæлттыл. _ Мы рядом в:
Back to Top