Пластикй кърандасы аххосй Черменыхъуы дыккгм скъолайы цыппар ахуырдзауы бахаудысты рынчындонм
Пластикæй кърандасы аххосæй Черменыхъæуы дыккæгæм скъолайы цыппар ахуырдзауы бахаудысты рынчындонмæ. Ныртæккæ сæ æнæниздзинадæн тæссаг нæу. Райсоммæ сæ ныууагътой медицинон кусæндоны, дохтыртæ сæм кæсдзысты. Уый тыххæй фехъусын кодта ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ. Ведомствойы разамонæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ныхас кодта æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Тебиаты Сосланимæ. Уавæрмæ сæ цæст дарынц. Иртасынц аххосæгтæ. Слестгæнæн оргæнты кусджытæ сарæзтой басгæрст. Сæ бæрæггæнæнты фæстæ уыдзæн хатдзæгтæ скæнæн.