ЦИПУ-йы журналистикæйы факультеты ацыд Фыдыбæстæйы стыр хæсты Хъайтарты лæгдзинады фæдыл æмбырд

Истори бахъахъхъæнын æмæ кæстæр фæлтæры патриотизмыл ахуыр кæнын. Ууыл ныхас цыд “Хъайтратæ æмæ сгуыхтдзинæдтæ дзыллон информацион фæрæзты сыфтыл“ сæрмагонд æмбырды. Уæлдай æргом аздæхтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цы ирæттæ архайдтой, уыдонмæ. Сæ раныхасимæ фæсидтысты мадзалы уазджытæ. Се ’хсæн Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетæй философи æмæ культурологийы кафедрæйы профессор Дзугаты Хъазыбег æмæ журналистикæйы факультеты доцент Джиоты Аллæ. Факультеты студенттæ бацæттæ кодтой доклад Гæздæнты 7 æфсымæры тыххæй. Фæсивæдæн ма гæнæн уыд æфсæддон уацхæссæг Александр Сладковимæ аныхас кæныны фадат. Цæгат Ирыстонмæ ссыд медиафорум “Про Кавказ“-ы архайынмæ. Ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ æрдзырдтой сæрмагонд æфсæддон операцийы цы журналисттæ архайынц, уыдоны куысты хицæндзинæдтыл. Мадзал бацæттæ кодтой республикæйы равзæрды 100 азы бонмæ.
Back to Top