Вадим (Бужук) Харебов - Цхинвал
Цхинвал - Вадим (Бужук) Харебов
сл.и муз. В. Харебов
Абоны бонæй фæдзæхсын æз дæу, о Ирыстон,
Абоны бонæй рæсугъд уæд дæ адæмы ныфс,
Абон Сæрибар æрцыдис нæ зæххмæ, Ирыстон,
Цæй ныззарæм хъæрæй,
Цæй æркафæм, уæллæй!
Адæмæн раттут уæ зæрдæ, раттут нæ амонд!
Бауарзæд алчи æмгары, æфсымæры, цæй!
Фидaр уыдзæнис нæ бæстæ, рæсугъд уæд йæ амонд,
Зарæг арвмæ тæхæд,
Зарæг арвмæ тæхæд!
’Рымысæм абон не ’взонг хъæбулты, хъайтарты!
Чи ратта Ирæн сæ зæрдæтæ, чи кодта тох!
Баззайæнт кадæн анусты сæ хъаруджын нæмттæ,
Æмæ макуы уæнт рох,
Æмæ макуы уæнт рох!
Рафтыдта дидинау абон нæ уарзон Ирыстон!
Фидар фæлæууæд нæ горæт – нæ уарзон Цхинвал!
Рухсмæ бæллæм æмæ байрæзæд Иры ныфс тагъддæр,
Зарæг арвмæ тæхæд,
Зарæг арвмæ тæхæд! (2х)