100-йӕм рауагъд | Цы сусæг кæныс

Цымӕ нӕ диссӕгтыл бирӕтӕ ӕууӕндынц? Уый нӕ зонын. Фӕлӕ циндзинӕдтӕм ӕмӕ хорздзинӕдтӕм алчидӕр тырны. Уыдон та къухы ӕнцондӕрӕй ӕфтынц цымыдисаг дзаумайы руаджы. Цы у, уый программӕ «цы сусӕг кӕныс»-ы уазджытӕ зонынц... Дӕгъӕл... Зӕрдӕтӕ ӕмӕ царды фӕндӕгтӕ чи гом кӕны, ахӕм. Мӕнӕн рауад 100 адӕймагимӕ фембӕлын, 100 зӕрдӕйы дуары байгом кӕнын, 100 цардвӕндаджы базонын... Абон программӕйӕн у йӕ 100-йӕм рауагъд. Чысыл юбилей ӕмӕ иумӕ сбӕрӕг кӕнӕм. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top