Мыды къус | Нысантæ

Иу адæмыхатт иннæмæй цæмæй хицæн кæны куы бафæрсат, уæд фыццаджыр зæгъдзыстæм - йæ культурæйæ. Ирон адæм дæр афтæ. Не `гъдау куы нал уа, уæд нæ мыггæгтæй фæстæмæ ирон ницыуал уыдзæн. Цæмæй ныл уыцы æмбисонд ма ‘рцæуа, уый тыххæй нæ хъæуы фыдæлтыккон фарн бахъахъхъæнын. Бирæтæ зæгъдзысты, ныртæккæ нæ чындзæхсæвты иронæй ницыуал ис, зæгъгæ. Чындз ма-иу мыдыкъус байуæрста, фæлæ уыцы фæтк дæр хъазинаг ссис. Гæнæн æмæ амалæй уыцы худинаджы архайд сраст кæнын хъæуы. Уый та, æвæццæгæн, хъомыладон куыст у, хистæр æмæ кæстæры бастдзинад. Уый тыххæй бæстондæр дзурæм нæ ног равдыст «Нысантæ»-йы. 00:00 Программæйы сæр 02:49 Сафа, чындзы æрзылд къонайы алыварс ныййарджыты хæдзары 04:48 Сæрызæды хæцъил 05:05 Хызисæджы куывд æмæ æгъдауæн йæ мидис 06:07 Мыдыкъус «Ригведæ»-йы 09:00 Сыхаг сылгоймæгты мыды къусы змæстæй цæмæн фæхъæстæ кæнынц? 10:53 Рагон ирайнаг чингуыты мыдыкъус скъæфыны тыххæй 13:17 Абон нæ чындзæхсæвты мыдыкъус скъæфыны ‘гъдау 14:12 Сыхаг адæмты культурæйы мыдæй куыд пайда кæнынц? _________________________ Мы рядом в:
Back to Top