«Къонайы хæзнатæ». Тугисыны ’гъдау

Нæ фыдæлтæм бирæ рæсугъд æгъдæуттæ уыд, уыдонæн сæ фылдæр абон сты махæн фæзминаг. Фæлæ хъыгагæн се’хсæн уыд æмткæй царды сконд, нацийы размæцыд фæстæзадмæ чи æппæрста. Уыдонæй сæ иу - тугисæн. Хæхбæстæйы æнæфыст фæткмæ хауд. Æнхъæвзта-иу фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Йæ азарæй-иу фæхауæккаг сты бирæ мыггæгтæ, бирæ хъæутæ-иу баззадысты æдзæрæгæй.
Back to Top