Зын рæстæг – иумæ. Уæрæсейы хуыздæр ахуыргæнæндæтты хсæн I Изæры рад

Адæмы иудзинад, кæрæдзимæ уарзондзинад æмæ хорз зæрдæйы ахаст, хистæрмæ цæст фæдарын æмæ йын баххуыс кæнын – ахæм миниуджытæ фылдæр зын рæстæг рабæрæг вæййынц. 2020 азы канд Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ æгас дунейы адæмæн фыдæвзарæны хуызæн уыд. Уыцы рæстæг рабæрæг сты сæ алыварс чи ис, уыдонмæ куыдфæндыйы цæстæй чи кæсы, уыцы адæм. Уæлдай æхсызгон та уый у æмæ сæ фылдæр фæсивæр кæй сты. Абон сæ хуызæдæрты минæвæртты æрбахуыдтам нæ студимæ. А-изæр ныхас кæндзыстæм 5-æм профессионалон училищæйыл. Уый та уымæн, æмæ хаст æрцыд Уæрæсейы хуыздæр ахуыргæнæндæтты номхыгъдмæ. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top