Баситы Залина. “Сафайы рахыс“
Ирон поэт Баситы Залинæйы æмдзæвгæ «Сафайы рæхыс».
Балсæджы цалх - нæ фыдæлты истори,
Кæддæр уæларвмæ тохы зарæг цыд.
Нæ зыдтам мах хатыр æмæ цæстмæ ми,
Дæрттыл хъуыстис нæ ном æмæ нæ цыт.
Цыдысты скифтæ дард бæстæм ныфсхастæй,
Уыдис тызмæг, æгъатыр уыд сæ дуг.
Кæйдæр арвы бын знæгты тыхтæ састой,
Кæйдæр зæххыл-иу акалдтой сæ туг.
Хæстон цардæй хъæбатыр дæр фæлмæцы.
Æрбынат кодтой сгуыхт скифтæ кæддæр.
Тыгъд быдыры цъæх арвмæ фидар схæцыд,
Йæ алыварс – нæртон дуджы фæлтæр.
Ызгъордтой размæ дугъон бæх ау азтæ,
Уæд иу бон бахъуыд Хуры цоты сæр.
Æнæнхъæлæджы ивдзинæдтæ рхаста
Нæ рагфыдæлтæн рæстæджы цæхæр.
Ныннæрыд арв, стæй зилгæ дымгæ сыстад,
Бæхджын æфсадæй сау фыдох æссыд.
Бырста аланты бæстæтæм æлгъыстаг,
Сæ сæфтæгты бын зæхх фæйнæрдæм скъуыд.
Ыссыгъдысты мæсгуыты сæр æртытæ,
Ызнаджы фаттæй бамынæг ис хур.
Уымæл уыд зæхх тæвд туг æмæ цæссыгтæй.
Æндзæрста зæххыл сау пиллон фыдгул.
Æнæмбæрц хæст йæ сау дæрæнæй не ‘нцад.
Нæртон æдæмæн байсысти сæ тых.
Цæмæй бынтон сæфт ма рцæуа нæ уидаг, –
Кавказы хæхтæм сарæзтой сæ ных...
Кавказы хæхтæ, цъитиджын бæрзæндтæ.
Ыссардтой ам нæ фыдæлтæ бынат.
Æдзæрæг зæххы тар, æнæсгæрст кæмттæ
Ысхъарм кодта ирон къонайы арт.
Куырм æлхынцъæй уæззау хъысмæты синаг,
Ирон лæгæн æдзух йæ хъуырыл уыд,
Фæлæ, уæддæр, нæ сыскъудис нæ уидаг,
Æндон къæдзæхтыл ног талайæ ссыд.
Фыдæй фыртмæ нæ кад хæзнайау хастам,
Нæ иудзинады стыр тых æмæ фарн.
Нæ баззадис ирон зæрдæ ныфссастæй,
Не фесæфтис ирон лæджы æфсарм.
Кæддæр ирæтты адих кодта арæн,
Уæддæр мах иу туг, иу ыстæг ыстæм.
Сыгъдæг удæй нæ дзуæртты нæмттæ арæм,
Зын уавæры фæрсæй фæрстæм лæууæм...
Дыууæ мæсыджы иу айнаджы дурæй,
Дыууæ базыры - иу хъысмæтыл баст.
Дыууæ Иры – дыууæ ‘фсымæры хурæй
Мыггагмæ уæд нæ фæрныг зæхх æфсæст.
Балсæджы цалх – тызмæг æмæ фæлварæн,
Уæддæр тымыгъ нæ асаддзæн нæ ныфс.
Най фесафæн нæ ном æмæ нæ кадæн,
Нæ атондзæн нæ къонайы рæхыс!