Владимир Келехсаев - Хатыр мæ зæрдæйæн (Абон æз фæрасыг дæн...)

Хатыр мæ зæрдæйæн (Абон æз фæрасыг дæн...) - Владимир Келехсаев Слова и музыка: Владимир Келехсаев вокал - Левон Хубаев клавиши - Алан Музаев Абон æз фæрасыг дæн, æз банызтон Чындзæхсæвы æз мæ рæстæг арвыстон Уый ма уарзон æндар лæппумæ мой кæны Ацы чызг мæнæн мæ зæрда дон кæны ⠀ Цины фынгыл дардмæ хъусынц зарджытæ Арфæ кæнынц кæстæртæн сæ уазджытæ Ракуывтон æз дæр мæ иунæг уарзонæн Расыгай мæ чи зоны нæ базона ⠀ О фæлæ кæдæм фæтæхыс иу гыццыл фæлæу Ракæс ма мæм, раздæх ма мæм курын Уарзгæ дæ кæнын, уарзгæ дæ кæнын О мæ зæрдæ, ма баком тæхын ⠀ Абон æз фæрасыг дæн æз банызтон Æз мæ чызгы æндар лаппуйæн арвыстон Сомы кодта ацы чызг кæддæр мæнæн О Хуыцау, ныххатыр кæн мæ зæрдæйæн ⠀ Нал баддзысты мæйы рухсмæ уарзæттæ Нал цин кæнынц дыууæ удыл суадæтта Нал уыдзæнис уыцы рæстæг раздæхæн Нал тондзынан æз мæ чызгæн уардитæ ⠀ О фæлæ кæдæм фæтæхыс иу гыццыл фæлæу Ракæс ма мæ,м раздæх ма мæм курын Уарзгæ дæ кæнын, уарзгæ дæ кæнын О мæ зæрдæ, ма баком тæхын (2 хатт)
Back to Top