ИРОН ФÆНДЫР. ÆЙ, ДЖИДИ!

ÆЙ, ДЖИДИ! Бирæ фæлмæн тынтæ зæрдæ нывæнды, — Бар ма йын радт!.. Бирæ цыдæртæ мæгуыры фæфæнды Иуæй-иу хатт. — Æй, джиди, — афтæ фæзæгъы йæхицæн, — Искуы æз дæр Адæмы фарнæй куы скæнин мæхицæн Кад æмæ сæр! Тарфдæр мæ зæрдæ йæхимæ куы хæссид Искæй зынад, Дунейы хæрзтæй хуыздæр мæм куы кæсид Уарзондзинад!..
Back to Top