Ирон адæмы эмиграци Америкæмæ I Сæумæрайсом

Зæххы къорийы аллонты къах кæм не рлæууыд ахæм бынат æвæццæгæн нæй. Уæдæ 20 æнусы дæр алыхуызон аххосæгтæм гæсгæ ирæттæ цыдысты Амырыкмæ. Бæлвырд нæу, фæлæ историктæ æмæ ацы фарстайы иртасыны куыст чи кодта, уыдон зæгъынц: 20 æнусы райдайæнæй 1930 азтæм Амырыкмæ Ирыстонæй алыгъдысты 5 минмæ хæстæг адæймаджы. Цæмæн ныууагътой сæ райгуырæн бæстæ? Куыд арæзтой ног бæстæйы сæ цард? Æмæ фæстæмæ чи сыздæхт? Ацы æмæ æндæр фарстататыл дзурдзыстæм нæ абоны равдысты. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top