Олимпаг чемпион Сидахъаты Зауырбег сыздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ

Владимир Путин ирон спортсментæй Олимпиадæйы чи фесгуыхт, уыдонæн аккаг аргъ скодта. «За заслуги перед Отечеством» фыццаг къæпхæны орденæй схорзæхджын кодта Хъæрæцаты Аслан æмæ Таймазты Мадинæйы. Дыккаг къæпхæны - Найфонты Артуры. Сидахъаты Зауырбег та сси Хæлардзинады ордены аккаг. Спортсмен абон сæмбæлд Цæгат Ирыстонмæ. Республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло Сидахъаты Зауырбегæн ракодта арфæ Токиойы олимпиадæйы йæ стыр æнтыстдзинады тыххæй. Регионы разамонæг спортсменимæ фембæлд «Дзæуджыхъæу»-ы аэропорты. Мæскуыйæ рейс Дзæуджыхъæуы куы æрбадт, уæд. Сергей Меняйло Сидахъаты Зауырбегæн загъта бузныг нæ республикæйы кад ахæм бæрзонд кæй систа, уый тыххæй. Олипаг хъæзтыты йæ уæлахиз рауад цымыдисаг æмæ æхсарджын. Аэропорты сæмбырд сты сæдæгай адæм. Чемпионы номыл стыр куывд скодтой йæ райгуырæн хъæу Зилгæйы. Æхсызгон æмæ зæрдæрайгæ фембæлд. Иуылдæр æрбацыдысты, канд Ирыстонæн нæ, фæлæ æгас Уæрæсейæн кад чи скодта, уыцы чемпионы фенынмæ. Сидахъаты Зауырбег мидбылхудгæйæ æмæ æфсæрмд
Back to Top