Æвдудон | Судзаг ӕвзаг

Ирыстонæн авд уды ис. Уый зæгъынмæ хъавыд Хъодалаты Герсан дӕр йæ чиныг «Æвдудон», зӕгъгӕ, схонгæйæ. Æмдзæвгæты æмбырдгонды зын заманты тыххӕй фысгæйæ, йæ кæсæджы æнæ ныфс нæ уадзы. Исæм дзы къорд хъæугæ дзырды. Чиныг ис равгæнæн электронон чиныгуат «Бæрзæфцæг»-æй амынд æрвитæныл: *САЙРАГ: «Базар чи кæны йæ дзырдтæй, Уый - мæ фыдæхаг, мæ сайраг» *МЫЛАЗОН: «Æмæ цыдтæ мылазон тары ды, Тæссар-мæссар, хæрдтæ æмæ уырдгуыты» *ГÆЛÆНТÆ: «Ныгуылæны дæ «нал» баззад фæд дæр, фыднизæй кодтай Афричы гæлæнтæ...» *ФÆЛГЪУЫЗ: «Фæтк, æгъдау, æфсарм, рæдау, хъæрмуд цард, А-фæлгъуызтæй у фæлыст ÆФСИН» *ТÆБÆКК: «Фæлæ мæ къух афтид, цыбыр у, мæ бæх - къуылых, тæбæкк - мæ рифтаг» *ТÆФÆБОН: «Зæрдæйыл чи ’фтауы рис Æмæ тæфæбоны ’ндар» *СЫМÆР: «Йæ кæуын ’мæ йæ ризынæй – сымæр» *ФÆСТИНОН: « Кодта дзы уæнгрог фæстинон, низджын...» *ÆРНÆГ: «Фæлдахыс иунæгæй нырмæ æрнæг, Хызы быдыр, уæлвæзтæ» *КЪУЫЛДЫХТÆ: «Цыма къæхтыл ыздыйы къуылдыхтæ» *ЦÆНГÆТ: «Нæ уæзæгыл куы тад цæнгæт дæр» *ФÆЛДЗÆУÆН: «Æз кувын æуыцы фæлдзæуæны дугæн…» _________________________ Мы рядом в:
Back to Top