Ситохаты Светланæ I Æрмадз

Кукла сывæллонæн йæ хорз лымæн у. Цард хъазæны æмæ хъазты фæрцы хуыздæр фембары. Уымæн йæ зæрдæмæ хæстæг айсы йæ уарзон куклайы дæр. Уæлдайдæр сын адæймаджы миниуджытæ куы радтай æмæ сæ театры актёртæ куы рауайа, уæд. Арфæйаг сты, сабийы цард чи аив кæны, уыдон. Арæхстджын адæймаджы къухты та цъылинаг, хæсгард, кърандæстæ æмæ алыхуызон æрмæджыты руаджы равзæрынц фидæны артисттæ – куклатæ. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top