Ирон æвзаджы бæрæгбонмæ цæттæгæнæн мадзæлттæ коронавирусы рæстæг | Дуг.Цаутæ. Адæм

Цыфæнды тыхст рæстæджы дæр адæймагæн ферохгæнæн нæй, уд æмæ зæрдæйы ахастæн пайда цы у, уыцы хъуыддæгтæ. Афтæ, зæгъæм, ног хæцгæ низ йæ тыхы бацыд, фæлæ уæддæр нæ зæрдæтæ нæ бакуымдтой Уæлахизы Бон ферох кæнын æмæ йæ не сбæрæг кæнын. Афтæ рауайдзæн Ирон æвзаджы æмæ литературæйы бонимæ дæр. Бæрæг æй кæндзыстæм райсом. Мадæлон æвзаг йæ зæрдæйы рæбын кæмæн ис, уыдон ныридæгæн дæр æвдисынц сæ ахаст бæрæгбонмæ. Уыдонæй иу у Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министрады национ хайады сæргълæууæг Нæкуысаты Иринæ
Back to Top