«Амыраны Рухс» – фæсивæды хъомылгæнæг | Изæры рад

1997 азы республикæйы цæрджытæ сæ фыццаг хъæлдзæг миниатюрæтæ куы федтой, уæд сæ кой уайтагъд апарахат. Уæдæй абонмæ «Амыран», зæгъгæ, исчи фехъуыста, уæд, æнæмæнг, цæстытыл ауайынц хъæлдзæг изæртæ, æрыгон артисттæ æмæ сæ ныхæстæ. Артисттæй бирæты номæй-номмæ зонынц. Спектакльтæй ист дзырдбæстытæ та адæмон фольклоры хуызæн систы. Фæлæ худт æмæ хъæлдзæгдзинад – уый сæ куысты иу æууæл у. Йæ рæстæджы зындгонд комик Георгий Вицины ныхæстæм гæсгæ, хъæлдзæг актёрæн йæ миддуне бирæ хъæздыгдæр вæййы. Бирæ фарстатыл биноныгдæрæй хъуыды кæны, йæ цæстытæ та арæх вæййынц æнкъард. Афтæ у æви нæ, цæуыл дзурынц «Амыраны» актертæ, цы сæ риссын кæны – ууыл уыдзæн нæ абоны ныхас. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top