Цæгат Ирыстоны Челябинскы филармонийы минæвæрттæ фыццаг хатт сарæзтой органы музыкæйы концерт

Цæгат Ирыстоны Мариинаг театры филиалы сценæйыл фыццаг хатт азæлдысты органы алæмæты зæлтæ. Классикон нæ, фæлæ электрон. Челябинскы паддзахадон филармонийы минæвæрттæ гастрольты æрыдысты Цæгат Ирыстонмæ. Концерт «Торжество органа»-йы фæлгæты аивадуарджыты размæ рахастой концерт «Торжество органа»-йы фæлгæты Бахы, Вивальдийы, Моцарты æмæ бирæ æндæр зындгонд композиторты уацмыстæ. Бахы «Токката ӕмӕ фуга ре минор»-ы алæмæты рæсугъд зæлтæ. «Музыка строит мосты», ахæм уыд, Челябинскы паддзахадон филармони сæ гастрольты рæстæг Цæгат Ирыстоны цы концерт сарæзой, уый девиз. Концерт «Торжество органа»-йы фæлгæты изæры дæргъы хъуыстысты Вивальди, Моцарт, Геондел æмæ Мусоргскийы музыкалон уацмыстæ. Проекты фæрцы Челябинскы филармониийы æмæ Цæгат Ирыстоны Мариинаг театры филиалы бастдзинæдтæ кæнынц фидардæр, ахастдзинæдтæ хъармдæр. Ацы аз Ирыстоны цæрджыты барæвдыдтой органы зæлтæй. Аивады чысыл бæрӕгбонмæ цы адæм саккаг кодтой, уыдон ма сæ зæрдыл бирæ рæстæг дардзысты ацы диссаджы инструменты зæлтæ. Концерт арæзт уыд
Back to Top