Хуымгæнæны мæйы бæрæгбæттæ

Уалдзæг æрцыд.Адæм уалдзæджы куыст райдыдтой: чи гутон аразы, чи дзыбыр кæны, чи мыггаг тауы, чи йæ фос хизæнмæ тæры. Зæхх йæ тарф фынæйæ райхъал æмæ цæрджыты базмæлын кодта. Бындзытæ, къогъотæ ратæх-батæх кæнынц. Уалдзæджы уддзæфæй чи нæ базмæлдзæн, ахæм уд кæм и? Зæронд лæгтæ ныхасы бадынц æмæ рагон таурæгътæ хæссынц. Чысыл лæппутæ сæ разы бадынц æмæ сæм хъусынц: «Оф, оф, — загътой, — уалдзæг—дзæнæт, де сфæлдисæгæн макуы уæд мæлæт!» Бирæ бæрæгбæттæ хауынц уалдзæгмæ æмæ уыдоны тыххæй ныхас кан
Back to Top