ИРОН ФÆНДЫР. НЫФС

НЫФС Тызмæгæй мæм ма кæс, Мæ фыды зæронд, Дæ зæрдæмæ ма хæсс Мæ зæрдæйы конд! Йæ фыды фæндиаг Кæм вæййы фырт дæр? – Лæппуйæ рæдиаг Нæ вæййы æвзæр! Дæ номыл, дæ кадыл Нæ барын мæхи, – Ныууадз мæ мæ адыл, – Фæндон хорз кæм и?!. Æз топпæй нæ хъазын, Æз барæг нæ дæн; Æхсаргард æсласын Мæ бон нæу мæнæн... Фæхудæнт мыл хъалтæ, Ды се ’мбал нæ дæ! Мæ гутон, мæ галтæ – Мæнæн дæр цæттæ! Мæ гутон, мæ галтæ – Мæ фæндыр, мæ зонд; Мæ кадæг, мæ зарæг – Мæ цард хоры конд. Нæ дзыллæйы зæрдæ – Мæ хуымгæнды хай; Нæ
Back to Top