Хетæккаты Къоста

Хетæккаты Къоста Раджы хохы цъуппæй касти Иу æрра фыййау, Мигъ æнгом йæ быны бадти, Урс цагъд къуымбилау. Бахъазыд дын æм йæ зæрдæ, – Тæккæ былгæрон, Дурыл авæрдта йæ къæхтæ: “Агæпп æм кæнон, – Загъта, – фос уал ам мæ сæрмæ Хизæд уæзæгыл, Æз фæхуысдзынæн изæрмæ Уыцы бæмбæгыл...” Дардыл йе уæнгтæ фæхаста, – Гъопп! – зæгъгæ, йæхи Пуртийы зыввытт фæласта... Лæг ныххæррæгъ и! Цæгат Ирыстоны 15 майы бæрæг кæнынц ирон æвзаг æмæ литературæйы бон Source:
Back to Top