Индира Тедеева. Малити Георгий и Васо

«Бæлвырд у иу хъуыддаг: Малийы-фырт у адæмон поэт. Цы адæмæн фыста, уыдон æй зонынц æмæ уарзынц. Цæмæн? Уымæн æмæ, фыццаджыдæр, уыцы адæмимæ дзырдта иу æвзагыл, сæ царды ахсджиаг цы уыд, ахæм хъуыддæгтыл. Хорз зыдта адæмы зæрдæйы æууæлтæ, арф сын æмбæрста сæ бæллицтæ, сæ сагъæстæ, хорз арæхст уыдон æвдисынмæ, йæ ныхас уыд сыгъдæг æмæ бæлвырд…», — фыста ирон литературæйы классик æмæ дыгурон литературæйы бындурæвæрæг Малиты Георгийы тыххæй Джыккайты Шамил. Ирон аив дзырды курдиатджындæр минæвæртттæй иу уыдис Георгийы фырт Малиты Васо дæр. Фыдæй-фыртмæ национ литературæ æмæ аивадмæ цы стыр æвæрæн бахастой, уымæн аргъ нæй…
Back to Top