Мысæн аз Хуссар Иры

1920-æм азы ирон адæмы ныхмæ гуырдзыйы геноцидæй рацыд 100 аз. Уæдæй ардæм нæ адæмæй рох не сты, цы тухæнтæ бавзæрстой гуырдзыйы тугдзыхты къухæй рагæй æрæгмæ дæр хæрз æрæджыйы онг. Знауыры районы Бехъмары цæрæг Чехойты Георги дзуры йæ хиуæттæ цы уынгæджы бонты сæрты рахыстысты. #Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты телеуынынады исæн къорд бузныг зæгъы Знауыры районы депутат Хъотайты Димитрæн, районы цæрджыты ‘хсæн нын респонденттæ агурыны кæй фæахъаз кодта.
Back to Top