Мæздæджы районы цалцæг кæнынц Уæлахизы фæз

Мæздæджы районы цалцæг кæнынц Уæлахизы фæз. Ныртæккæ архайынц цъæхфæлыст банывыл кæныныл. Бынаты ныссагътой ног бæлæсты талатæ, зæрæдтæ - æхсæдынц. Фæзы зайын кæнынц дидинджытæ, фæзындзæн дзы алыхуызон мыггæгтæ. Пъланмæ гæсгæ, сцалцæг кæндзысты парчы ацæуæнтæ, раивдзысты къæйдуртæ. Базилдзысты Хъæбатырты Аллеймæ дæр. Уыцы æппæт куыстытæ кæнынц горæты хæрзвадаты сæрмагонд программæмæ гæсгæ. Парк срæсугъд кæныныл архайынц куыд бынæттон хиуынаффæйады, афтæ хæрзгæнджытæ дæр. _________________________ Мы рядом
Back to Top