Цæрикъаты Римæ I Цы сусæг кæныс

Иуæй иу ныййарджытæм куы фæкæсын, уæд арæх цæуыл ахъуыды кæнын, уый уын схъæр кæнон. Сылгоймæгтыл… Сæ хъару æмæ лæмæгъдзинадыл, сæ тых æмæ сæ фæлмæндзинадыл… Стæй уарзондзинад куыд алывæрсыг у, ууыл. Уый, æвæццæгæн, уæхæдæг дæр хорз зонут æмæ æмбарут. Нæ абоны уазæг дæр стыр уарзæгой зæрдæйы хицау у. Бынат дзы ис аивадæн, уæлдайдæр та театрæн, йе мкусджытæн, йæ алыварс чи ис, уыдонæн. Сæйрагдæр та - бинонтæн æмæ сывæллæттæн. Уыдон та йын 4 сты. Куыд æххæссы алцæуыл дæр. Зын у бирæсывæллонджын мад æмæ актрисæ уæвын, уый дæр мæм цымыдисаг кæсы. Фæлæ кæй кой кæнын, уый абон у мæ уазæг æмæ йын йæхи бафæрсæм. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top