Балц Доныфарсмæ I Фыдæлты уæзæгмæ

Доныфарсы зылды æртæ хъæуæй алкæцы дæр – Къумбултæ, Лезгор æмæ Доныфарсæй – у хицæн бæстон ныхасы аккаг. Таурæгътæм гæсгæ, ацы хъæутæ равзæрдысты рагон нарты æмæ царциаты зæххытыл. Ам, 1987 азæй нырмæ цæуынц археологон куыстытæ æмæ уыдоны руаджы сбæрæг ис, ацы уæрæх хохы фахсыл бронзæйы дуджы, 4-5 мин азы размæ, кæй уыдис стыр металлургон центр, æнæхъæн комы цæрджыты дæр бронзæ æмæ æлыгæй конд мигæнæнтæ, кусæнгæрзтæ æмæ алы фæлындæнтæй чи ифтонг кодта, ахæм. Доныфарсы рагон хъæуы фæстаг сæдæ азы цы мыггæгтæ цардис æмæ цы æгъдауыл хæст уыдысты, ууыл ныхас цæудзæн нæ абоны равдысты. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top