Абырæг Зауыр I Адæмон

Хъуды абырджытӕ, Бӕтӕйы фырттӕ, Джиоты Татэ ӕмӕ Хуыбылты Сандро, Пухаты Иликъо, Хабӕты Ботас… Бирӕ уыдысты, йӕ хъысмӕт уӕззау кӕмӕн разынд, фӕлӕ ӕгаддзинад йӕ сӕрмӕ чи не ’рхаста, уыдон. Ахӕм уыд Дӕргъӕвсгомӕй рацӕуӕг, хъахъхъӕдуйраг лӕппу Æмбалты Зауырбег дӕр. Йӕ цардвӕндагыл ын систой киноныв. Зауырбеджы ролы дзы ахъазыд зындгонд ирон актер Бестауты Ладо. Уӕдӕ, цымӕ, цӕмӕн сси кинонывы аккаг ирон хъӕбатыр лӕппу, цӕмӕн сыстад йӕ хъӕуӕй, ӕмӕ цӕмӕн ӕрцард хӕххон хъӕды? Нӕ равдыстӕй йӕ базондзыстут. 00:00 – Программæйы сæр 00:20 - 00:58 Йӕ бинонтӕ, йӕ уӕзӕгӕй чи фӕхицӕн, ахӕм адӕмӕгтыл зарджыты тыххӕй 00:59 – 02:13 Абырӕг Æмбалты Зауыры хъысмӕтыл 1926 азы ист ӕрцыд киноныв «Абрек Заур» 02:19 – 04:10 Дӕргъӕвсы комӕй рацӕуӕг, хъахъхъӕдуйраг лӕппу Зауыр ӕнӕбары куыд сси абырӕг 04:11 – 05:50 Абырӕг Зауыры цардӕй цаутӕ 05:51 – 07:03 Куыд бафхӕрдтой паддзахы ӕфсӕддонтӕ Зауыры бинонты ӕмӕ сӕм куыд ӕрбацыд йӕхӕдӕг 07:04 – 08:55 Зауыры ауындзӕлы цурмӕ бакодтой, йӕ къӕхтыл ӕмӕ йӕ къухтыл ӕфсӕнрӕхыстӕ, афтӕмӕй 09:07 – 09:40 Зауыры хъысмӕт дарддӕр. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top