Красногорыхъæу æмæ программæ «Хъæууон дохтыр»-ы тыххæй

Цæгат Ирыстоны хъæууон дохтыртæн хъуамæ бафидой фæйнæ милуан сомы æмæ æрдæг. Æхца ратдзысты, программæ «Хъæууон дохтыр»-ы чи архайы, уыдонæн. Кæцы хъæуты æнхъæлмæ кæсынц медицинон кусджытæм, æмæ дæрддзæф бынæттæн ацæуынмæ разы чи у? Брæттæ æфснайæг компани бартхъирæн кодта, хъæутæм кæй нал цæудзæн, уымæй. Куыд лыг кæндзысты районты администрацитæ сæвзæрд фарста? Стæй Æрыдоны районы Красногорыхъæуы ног æвзæрст сæргълæууæг ахсджиагдæрыл цы нымайы? Уыдæттыл дзурæм нæ программæ «Комæй коммæ»-йы. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top