Матфейй 7 иронау. Евангелие от Матфея 7 на осетинском языке.

Иннӕтӕн тӕрхон ма кӕнут, ӕмӕ тӕрхонгонд нӕ уыдзыстут. Уымӕн ӕмӕ иннӕтӕн цы тӕрхон рахӕссут, ахӕм тӕрхон рахастӕуыдзӕн сымахӕн дӕр; ӕмӕ цы барӕнӕй барут, ахӕмӕй сбарстӕуыдзӕн сымахӕн дӕр. Цы кӕсыс де ’фсымӕры цӕсты ӕрдумӕ, дӕхи цӕсты та къалабӕлас нӕ фиппайыс? Кӕнӕ куыд зӕгъдзынӕ де ’фсымӕрӕн: „Ӕри-ма, дӕ цӕстӕй дын ӕрду сисон“, дӕхи цӕсты къалабӕлас куы ис, уӕд? Цӕстмӕхъус! Дӕхи цӕстӕй уал къалабӕлас сис, стӕй уӕд фендзынӕ, де ’фсымӕры цӕстӕй ӕрду куыд сисын хъӕуы, уый. Куыйтӕн ма дӕттут, Хуыцауы цы у, уый, ӕмӕ хуыты размӕ ма ӕппарут уӕ налхъуыт, цӕмӕй йӕ уыдон сӕ къӕхты бын ма ныссӕндой, стӕй ма бавдӕлой ӕмӕ уын уӕхи ма ныкъкъуыхтӕ кӕной. Курут ӕмӕ райсдзыстут, агурут ӕмӕ ссардзыстут, хойут ӕмӕ уын байгом уыдзӕн. Уымӕн ӕмӕ алы курӕг дӕр райсы, агурӕг ссары ӕмӕ хойӕгӕн дуар байгом вӕййы. Йӕ фырт дзы дзул куы кура, уӕд ын дур чи ратта, уе ’хсӕн ахӕм исчи ис? Кӕнӕ дзы кӕсаг куы кура, уӕд ын калм ратдзӕн? Сымах фыдзӕрдӕтӕ куы стут, ӕмӕ уӕддӕр уӕ зӕнӕгӕн хорзы цӕуын куы зонут, уӕд уӕ Уӕларвон Фыд куыннӕ ратдзӕни
Back to Top