Парти Иугонд Урсе-йы хснадон ххуысы штабы суазг кодтой сывллтты
Ног аз хæстæгæй-хæстæгдæр кæны. “Æгас цу!“ — йын загътой парти “Иугонд Уæрæсе“-йы æхсæнадон æххуысы штабы. Суазæг кодтой “хурæнгæс“ сывæллæтты. Уым сæм æнхъæлмæ кастысты бæрæгбоны сæйраг хъайтартæ Митын Дада æмæ Митын чызг, цæхæртæ калгæ наз бæлас æмæ цины æнкъарæнтæ. Цы зарджытæ азæлыдысты, уыдон сабитæ æмæ сæ ныййарджытæн уыдысты зонгæ. Сценæмæ рацыдысты æмæ артисттиæ иумæ зарыдысты. Бæрæгбон æрбамбырд кодта Дауны синдромимæ 60 сывæллоны. Ног азы арфæтæ сын ракодтой Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды депутат парти “Иугонд Уæрæсе“-йæ Дзгойты Станислав æмæ штабы разамонæджы хæдивæг Хъæстуаты Еленæ. Ногазон мадзæлттæ аразынц къуырийы дæргъы, суазæг кодтой 300 сабийæ фылдæр.