“Лӕг бинонты хистӕр“. На осетинском языке.
Лæг бинонты хистæр уый тыххæй нæу, ӕрмӕст нæлгоймаг кæй у, фæлæ уый тыххæй, Хуыцауы фæлгонц кæй у, æмæ йæ ус æмæ йæ сывæллæтты бон кӕй у йæ мидæг уынын ацы фæлгонц. Ахӕм фӕлгонц, кӕцы у æнӕкæрон уарзт, зæрдиаг уарзт, æнувыд уарзты фæлгонц. Ахæм уарзты фæлгонц, кӕцы алцыппæтмæдӕр цæттæ у, цæмæй фервæзын кæна, бахъахъхъæна, бафсӕдын кӕна, барæвдауа, зæрдæ барухс кæна, бинонты схъомыл кæна. Уый алы адæймаг дæр хъуамæ йæ зæрдыл дара. Æгæр æнцон у нæлгоймагæн афтæ хъуыды кæнын, ома, æрмæстдæр нæлгоймаг кæй у, уый тыххæй йын ис бар йæ усыл æмæ йæ сывæллæттыл. Уый раст нæу. Кæд æмæ йæхæдæ