Сергей Меняйло видеобастдзинады хуызы архайдта нниздзинадхъахъхънынады фарстаты фдыл семинары

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло видеобастдзинады хуызы архайдта æнæниздзинадхъахъхъæнынады фарстаты фæдыл семинары. Разамынд ын лæвæрдта Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæг Татьяна Голикова. Æмбырды ныхас цыд æвæстиаты медицинон æххуысы гæнæнтыл, зæрдæйы æмæ дадзинты, стæй онкологон низтимæ тох кæныны мадзæлттыл. Къабазы абоны уавæрыл æмæ фидæнмæ нысантыл. Уыимæ ма кадрты фарстатыл, системæйы финансон хуызыл, профилактикон мадзæлтты ахсджиагдзинадыл, стæй 2025-æм азы цы проекттæ æххæст кæнын райдайдзысты, уыдоныл. Татьяна Голикова æмбырды архайджытæн загъта, Президент хицауады уæнгты размæ цы хæстæ сæвæрдта, уыдон баххæст кæнын кæй хъæуы. Бæстонæй бакусын национ проекттæ “Продолжительная и активная жизнь“ æмæ “Новые технологии сбережения здоровья“-йыл.
Back to Top