33 псалом иронау. На осетинском языке.

Кӕддӕриддӕр кад кӕндзынӕн Хуыцауӕн; Уымӕй ӕппӕлын уыдзӕн иудадзыг мӕ былалгъыл. Мӕ уд ӕппӕлдзӕни Дунедарӕгӕй; уадз фехъусой уый ӕфхӕрдтытӕ ӕмӕ цин кӕной. Стаут мемӕ Хуыцауы, иумӕ сбӕрзонд кӕнӕм Йӕ ном. Ӕз агуырдтон Дунедарӕджы, ӕмӕ мӕ фехъуыста; бахызта мӕ, тас мын цӕмӕй уыд, ӕппӕт уыдӕттӕй. Уымӕ йе ’ргом чи аздахы уыдон срухс вӕййынц; сӕ сӕртӕ нӕ фегад уыдзысты. Мӕгуыр скуывта – Дунедарӕг ӕй фехъуыста, бахызта йӕ йе ’ппӕт бӕллӕхтӕй. Хуыцауӕй чи тӕрсы, Йӕ зӕд уыдоны алыварс лӕууы ӕмӕ сӕ ирвӕзын кӕны. Бафӕлварут ӕмӕ фендзыстут, Хуыцау куыд хорз у, уый! Тӕхудиаг у, Дунедарӕджы-бар йӕхи чи бакӕны. Тӕрсут Хуыцауӕй, Йӕ сыгъдӕджытӕ; чи Дзы тӕрсы, уыдон хъуаг ницӕмӕй ӕййафынц. Домбӕйттӕ дӕр слӕмӕгъ вӕййынц, баййафынц ӕххормаг; Хуыцауы чи агуры, уыдон та ӕнӕхай не сты иу хорзӕхӕй дӕр. Ӕрцӕут, мӕ хъӕбултӕ, ӕмӕ мӕм байхъусут; ӕз уӕ сахуыр кӕндзынӕн Хуыцауӕй куыд тӕрсын хъӕуы, ууыл. Бӕллыс ды цардмӕ,
Back to Top