“Ахъуыды кӕнӕм нӕ куывдтыл“. На осетинском языке.

Ахъуыды кæнæм куывдтыл, сымахуæттыл æмæ мæуæттыл; нæ зæрдыл æрдарæм, куыд тыхджын, æхсидгæ, арф вæййы куывд, куы фӕкувыс, кæй уарзыс, уыдонæй искæуыл, кæнæ дын ахсджиаг чи у, ууыл. Зæрдæ гом у æмæ нæ удмидис æппæтдæр æмбы́рдæй лæууы æмæ йæ тых арæзт у рáстдæр куывдмæ. Нысан кæны уый ӕмӕ ацы куывды æппæт мидис, йе ’ппæт тых Хуыцауимæ фембæлды мидӕг кæй ис? Нæ; уый нысан кæны æрмæст, дæуæн дæ куывды цы курыс, уый а́хсджиаг кæй у. Уымæн æмæ ахæм æхсидгæ, арф, æндыгъд куывды фæстæ уарзон адæймаджы сæрыл æви зæрдæхсайгæ уавæрты тыххæй мах куы рахизæм æндæр фарстамæ, афтæ тынг нын нæ зæрдæмӕ чи нӕ хъары, ахæммæ, уӕд-иу мах æруазал вæййæм – цы фæивта? Хуыцау æруазал ис, æви иуварс ахызт? Нæ, уый нысан кæны æрмæстдæр, нæ куывды удцырын æмæ андыгъдад Хуыцауы уæвындзинадæй кæй нæ райгуырдысты, нæдæр ме ‘ууæнкæй Хуыцауыл, нæдæр Хуыцауимæ фембæлын кæй бæллын, уымæй, нæдæр мын Хуыцау зæрдæисгæ кæй у, фæлæ ‘рмæстдæр уымæй, мæ зæрдæ кæй риссы кæуылдæр, цæуылдæр – фæлæ Хуыцауыл нæ. Уæдæ куыд хъуамæ дис кæнæм, Хуыцауы у
Back to Top