Документальный фильм ФАЦБАЙ

Рухстауæг, зондамонæг, хъомылгæнæг, фарн æмæ кады тырысахæссæг. Ноджыдæр ма бирæ хорз ныхæстæ сфидауиккой ацы адæмæн уарзон лæгыл. Бæрзонд, бæзæрхыг лæг уыдис Тауаситы Фацбай. Уынджы -иу куы рцæйцыд, уæд æрмæст йæ уындæй дæр ныфс лæвæрдта, чи йыл æмбæлдис, уыдонæн. Йæ ныхас –уæздан. Чифæнды йæ цæмæйфæндыдæр куы фарстаид, сылгоймагæй – нæлгоймагæй, алкæмæ дæр хъуыста лæмбынæг, алкæмæн дæр лæвæрдта æххæст æмæ æмбæлон дзуаппытæ. Дзырддзæугæ лæджы тынг арæх агуырдтой комы цæрджытæ алы хъуыддаджы дæр. --------- Сайт ГТРК “Алания“ - Facebook - Instagram - Telegram - ВКонтакте - Twitter -
Back to Top