Бæрæгбоны хæдразмæ I Дуг. Цаутæ. Адæм

Ацы равдыстæй кæрон кæнæм, Тымбылхъæды Дзуары бæрæгбоныл дзурынæн цы рæстæг радих кодтам нæ куысты, уымæн. Бæрæг æй кæндзыстæм райсом, Сусæны мæйы 5-æм бон. Зонæм æй, ацы ныхæстæм бирæтæ фестъæлфдзысты, уый та куыд 5-æм боны, зæгъгæ. Фæлæ ныр цалдæр хатты куыд фехъусын кодтам, афтæмæй йæ 12-æм боны скæныны тыххæй азым никæмæ `рхæсдзыстæм. Сæйрагдæр у, бæрæгбон цæмæй фидауы, уыцы миниуджытимæ йыл сæмбæлын: сыгъдæгзæрдæ уæвын, масты фæдыл ма цæуын, хæрам цæстæй ма кæсын, хорздзинадмæ бæллын. Уый у ирон æгъдау
Back to Top