Фыдыбст хъахъхънджыты номыл джызлы сарзтой патриотон мадзал

Цæмæй ма рох кæной. Джызæлы сарæзтой патриотон мадзал Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты номыл. Санаторон скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæ бацæттæ кодтой видеоæрмæг, æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ сæ хъæуккæгты тыххæй. Базонгæ сты Советон Цæдисы хъæбатыртæ Петр Барбашов æмæ Доййаты Давиды æфсæддон сгуыхтдзинæдтимæ. Радзырдтой ма сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Плиты Сергейы тыххæй дæр. Фыццаг бонтæй фæстæмæ тох кодта бæстæйы ахсджиагдæр нысæнтты сæрвæлтау . Хорзæхгонд æрцыд “Лæгдзинады орден“ æмæ “Æхсардзинады майдан“-æй йæ амæлæты фæстæ. Педагогтæ, ныййарджытæ æмæ скъоладзаутæ сфæнд кодтой не ’фсæддонты фарсмæ балæууын. Æрæмбырд кодтой гуманитарон æххуыс æнæмæнг хъæугæ дзауматимæ æмæ Ног азы лæвæрттимæ. Мадзалы ма архайдтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Роман Шевяков æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæй чи фæмард, уыдоны бинонты æхсæнадон организацийы цæгатирыстойнаг хайады сæрдар Татьяна Днепровская.
Back to Top