Video by Bella Nikkolova

#📌21 февралы бæрæг кæндзыстæм Мадæлон æвзæгты æппæтдунеон бæрæгбон. 📌Уымæ гæсгæ Ахуырад æмæ наукæйы министрады хъæппæрисæй нæ республикæйы арæзт æрцæудзæн бирæ мадзæлттæ: фембæлдтæ фысджытимæ,зындгонд адæмимæ,æхсæнады кусджытимæ,гом уроктæ, литературон изæртæ,конференцитæ æмæ æндæр мадзæлттæ. 📌Бæрæгбонимæ баст мадзæлттæй иу у Флешмоб «Дзурын мæ мадæлон æвзагыл».Архайыны бар дзы ис хъомылгæнинæгтæн,скъоладзаутæн,студенттæн,ахуыргæнджытæн,хъомылгæнджытæн æмæ кæй фæнды,уыдонæн се `ппæтæн дæр. Хъæуы сисын цыбыр видео. Архайæгæн йæ бон у бакæсын æмдзæвгæ,прозæйæ скъуыддзаг,кæнæ азарын зарæг мадæлон æвзагыл. 📌Видео хъæуы ныммыхуыр кæнын социалон хыз“ ВКонтакте“-йы мæнæ ахæм хештегтимæ: #мадæлонæвзаг2023#деньродногоязыка2023#национхайад2023 мадæлонæвзаг2023#деньродногоязыка2023#национхайад2023
Back to Top