Зæрдæвæрæны мидис

Зæрдæвæрæн (дыг. Зæлдкæрдæн, зæлдæвæрæн). Ирон адæммæ Зæрдæвæрæн нымад у мæрдты-боныл. Зæрдæвæрæны ног мæрдты ингæнтæ ныссыгъдæг кæнынц, цыртытæ ныссадзынц ног мæрдтæн, ингæныл нывæрынц нæудзарм. Уыцы бон мæрдты номыл цы кусарт акæнынц (фыс, уæрыкк æмæ а. д.), уый зæрдæ марды ингæны баныгæнынц. Бирæ рæтты Зæрдæвæрæны бон кодтой иумæйаг куывдтæ. Уыцы аз лæппу цы бинонтæн райгуырд кæнæ чындз чи æрхаста, науæд афицеры цин кæй лæппу райста, уыцы бинонтæ-иу (се ‘мхайæ дарддæр) хъуамæ бахастаиккой ноджы уæлдай хæрд-нозт, хъуамæ акодтаиккой кусарт
Back to Top