Хабртт// 2024/ 26 декабря

Базарадон центр “Алания Молл“-ы дуканиты хицæуттæн снысан кæндзысты арендон каникултæ. Сараздзысты сын æмбæлгæ фадæдтæ сæ товартæ онлайн хуызы уæй кæнынæн. Уый тыххæй журналисттæн радзырдта Сергей Меняйло. Кæддæриддæр цæттæ. Знон республикæйы æнæнхъæлæджы цауты министрады кусджытæ цыбыр рæстæгмæ базарадон центры ахуыссын кодтой зынгсирвæзт. Ахсджиаг куысты тыххæй - чысыл фæстæдæр. Аиуварсгæнинаг фарста. Дзæуджыхъæуы тротуартæ ихы бын фесты. Уавæр чи хъуамæ бæрæг кæна æмæ хи куыд бахъахъхъæнæн ис, уый тыххæй сæрмагонд æрмæг нæ программæйы.
Back to Top