АДМН ЛГГДТЫ ЦЕНТР БАЙГОМ ДИГОРАЙЫ

Фароны фæззæгæй фæстæмæ Цæгат Ирыстоны байгом адæмæн лæггæдтæ дæттыны æстæм центр. Ацы хатт йæ дуæрттæ байгом кодта Дигорайы, Сталины уынджы дыууадæсæм хæдзары. Центр кусдзæн алы бон дæр райсомы астæй изæры фондз сахатмæ. Цæмæй районы цæрджытæн æнцондæр архайын уа, уый тыххæй центр кусдзæн Дыгуры районы энергидæттæг хайады. Центр байгом кæныны кадджын мадзалы архайдта Цæгат Кавказы Федералон зылды республикæтæм электрон тых дæттæг куыстуаты æмæ Хъалмыхъы гом акционерон æхсæнад «Россети»-йы Генералон директоры хæдивæг - Уæрæсейы хъæбатыр Анатолий Коробенков, гарантидæттæг департаменты хицау Алексей Бурнашев, «Цæгаткавказэнерго»-йы разамынддæттæг директор Захъаты Хъазыбег æмæ Дыгуры районы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Мæрзойты Хъазыбег. Ног центры руаджы ныр адæм исдзысты хæрзхъæддæр электрон тых. Центры æвæрд æрцыдысты терминалтæ. Сæ фæрцы æппæт коммуналон лæггæдтæн фидæн уыдзæн æнцондæрæй. Уымæй дарддæр цæрджытæн кæндзысты æмбæлгæ консультацитæ.
Back to Top