Духовное завещание Марии Ясыни потомкам. Ясаг Мариамы удвӕрнон ныстуан йӕ байзӕддӕгтӕн.

Яссаг Мариамы удвӕрнон ныстуан йӕ байзӕддӕгтӕн. Мӕ уарзон хьӕбултӕ! Мӕнӕ мӕ уынут тынг сӕйгӕйӕ, рӕхджы ацы цыбыррӕстӕгон дуне́йӕ ацӕудзынӕн мӕ фыдӕлтӕм. Цалынмӕ ацы тыхст ӕмӕ мӕнг царды уат, уӕдмӕ, фыццаджыдӕр, ӕууӕндут ӕмӕ уарзут Хуыцауы, Йӕ Сыгъдӕг ӕцӕг Мады-Майрӕмы. Ӕппӕт хъарутӕй дӕр архайут, цӕмӕй сӕрныллӕг уат Хуыцауы раз. Дины ӕппӕт кусджыты цур ӕфсӕрмы мá кӕнут уӕ сӕртӕ ӕркьул кӕнын. Уымӕн ӕмӕ уыдон сты Хуыцау ӕмӕ Сыгъдӕг Мады-Майрӕмӕн лӕггáдгӕнджытӕ, адӕмы рáзамонджытӕ; Дины кусӕджы Хуыцауӕн-лӕгга́дгӕнӕджы чи́ нымайы, уый нымайы Хуыцауы, Дины кусӕджы Хуыцауӕн-лӕгга́дгӕнӕджы чи́ ӕфхӕры, уый ӕфхӕры Хуыцауы. Ут сабыр, сӕрныллӕг ӕмӕ зонынджын, уарзут ӕмӕ хатыр кӕнут; стонг чи уа, уыдоны ӕфсадут, дойны кӕмӕн уа, уыдонӕн дон бадарут, бӕгьнӕг чи уа, уыдоныл-иу дзаума скӕнут, рынчынфӕрсӕг цӕут ӕмӕ уӕ удтӕ сыгъдӕг дарут. Хӕрза́удӕн ӕдзух кӕнут, афтӕмӕй ӕрлӕудзыстут Хуыцауы раз; иу адӕймаджы дӕр ма́ фӕцух кӕнут уӕ хъусдардӕй. Уӕхӕдӕг та кӕрӕдзи сыгъдӕгзӕрдӕйӕ уарзут, уӕд сабырдзинад ӕмӕ уарзты-Хуыцау уыдзӕнис уемӕ, ӕмӕ–уӕ цыфӕнды фыдӕхӕй дӕр ба́хъахъхъӕндзӕнис, уе́ ’знӕгты уын уӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзӕн. Кӕд ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕнӕуынон уат, кӕрӕдзиимӕ хылтӕ кӕнат, ӕмӕ кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй кӕсат, уӕд уӕхӕдӕг фесӕфдзыстут, ӕмӕ уӕ а́рфӕгонд бынтӕ дӕр – уӕ рагфыдӕлтӕ ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ, уӕ хӕстӕг-хиуӕттӕ сӕ хид ӕмӕ фӕллой кӕуыл фӕкалдтой, уыцы фыдыбӕстӕ-паддзахад бабын кӕндзыстут. Уымӕ гӕсгӕ кӕрӕдзиимӕ сабыр ӕмӕ зӕрдӕхӕлар ут, ӕфсымӕр ӕфсымӕрмӕ куыд хъуса. Хистӕр ӕфсымӕр Константины уӕ фыд ӕмӕ сӕргълӕууӕгыл нымайут. Ды та, мӕ хистӕр фырт Константин, де ’фсымӕртӕм, куыд дӕ фырттӕм, афтӕ кӕс, дӕ къабаз куыд хъахъхъӕнай, афтӕ сӕ хъахъхъӕн, хъус, Иоанн Евангелист Хуыцауы дзырд-кӕнӕг куыд дзуры, уымӕ: «Кӕд исчи зӕгъы: «Уарзын Хуыцауы», йе ’фсымӕр та йын ӕнӕуынон у, уӕд уый у мӕнгард». Уымӕ гӕсгӕ цӕрут уарзгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау у уарзондзинад, ӕмӕ уарзгӕйӕ чи цӕры, уый вӕййы Хуыцауы, ӕмӕ Хуыцау вӕййы уый». Мӕ уарзон фырттӕ, ӕппӕт удӕй дӕр тӕрсут Хуыцауӕй; алчерты, диакъонты ӕмӕ дины иннӕ кусджыты раз ма́ ӕфсӕрмы кӕнут уӕ сӕртӕ къул кӕнын, уымӕн ӕмӕ уыдон сты адӕмы ра́замонджытӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕстаг сусӕг фынгӕвӕрдыл а́рмдарджытӕ. Сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ алы мо́ладзаны раз дӕр уӕ сӕртӕ ӕркъул кӕнут. Рынчынты бӕрӕг кӕнут, стонг чи уа, уыдоны ӕфсадут, дойны кӕмӕн уа, уыдонӕн дон бадарут, бӕгьнӕг чи уа, уыдоныЛ-иу дзаума скӕнут ӕмӕ уӕ удтӕ сыгъдӕг дарут; ком дарын ӕмӕ Хуыцаумӕ куывдтытӕ уарзут, куыд хӕрза́удӕн, афтӕ, уымӕн ӕмӕ уӕ уый ӕрӕвӕрдзӕн Хуыцауы раз. Уӕ сӕртӕ-иу ӕркъул кӕнут уӕхицӕй цыфӕнды хистӕры раз дӕр, ма́ уадзут тыхджындӕрты сӕхицӕй къáддӕрты ӕфхӕрын, ут сидзӕрты фарс, и́дӕдзты сӕрыл хӕцут, ут ӕмбаргӕ, хъалдзинад уын уӕд ӕнӕуынон, уымӕн ӕмӕ уый зӕды дӕр уӕларвӕй дӕлӕмӕ раппӕрста. #Фӕдзӕхстытӕ #Осетия #Алания #осетинский #осетин #Владикавказ #дзӕнгӕрӕг #Цхинвал #осети #осетинскиепесни #регион15  #ирончындз #иронагъдау #дзуар #православие
Back to Top