“Бакӕсӕм кӕрӕдзимӕ“. На осетинском языке.
Бакæсæм кæрæдзимæ нæ бинонты, нæ хæлæртты ‘хсæн æмæ алы ран дæр нæ алфæмбылай уынджы, кæм фæнды мá уа, акæсæм, фенæм. Бакастæ адæймаджы цæсгоммæ, ныккастæ йын йæ удмæ йæ цæстыты уылты, хатт ахæм тарст, ахæм ныфсса́ст, ахæм рыстзæрдæ æмæ ахæм мард, уымæн ӕмӕ адæймагæн йæ ныфс бынтондæр фесæфти, æмæ уæд бакæсæм не́ ‘ввахсмæ, цы фæнды адæймагмæ дæр, кæуыл æмбæлæм, æмæ нæхи раз фарст æрæвæрæм:“ Цӕмӕй хъуаг у, цы йын у мæ бон саразын? Мæнæн мæ бон у, æмæ йын йæ царды бахизон, мæ бон у, æмæ йæ баууæндын кæнон, уый иунæг кæй нæу, æлгъаг кӕй нæу, уæлда́й нæу, чидæр æй кæй федта цæстытæй æмæ йын дзуапп кæй ратта зæрдæйæ?“ Бакæсæм кæрæдзимæ ахæм цæстытæй, æмæ уæд æрцæудзысты æнæнизгонд бирæтæ.
Митроподит Антоний Сурожаг