Гимн Северной Осетии - “Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон гимн“
Гимн Республики Северная Осетия — Алания (осет. Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон гимн) — наряду с флагом и гербом является официальным государственным символом Республики Северная Осетия — Алания. Утвержден постановлением Верховного Совета РСО-Алания от 24 ноября 1994 года[1].
=====ТЕКСТ=====
Зӕрин хур йӕ нывӕнды фӕлмӕн
Нӕ фыдӕлты рагон уӕзӕгыл рӕдауӕй…
Арвы бын калы, фӕрдыгау, тӕмӕн
Ирыстон йӕ адӕмты фарнӕй.
Заманты тарӕй ӕрттивы, зынгау,
Дӕ уидаг — нӕ Ивгъуыд, нӕ Абон, нӕ Фидӕн…
Барвӕсс нӕ куывдыл, Хуыцӕутты Хуыцау!
Уастырджи, рафӕлгӕс, табу — Дӕхицӕн!
БАЗАРД:
Кад ӕмӕ радимӕ фидӕнмӕ кӕс!
Амондӕй абузӕд, ронгау, дӕ цард!
Амонд, мысайнагау, фидӕнмӕ хӕсс!
Дӕ кӕстӕр дын басгуыхӕд кард ӕмӕ уарт!
Фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ фӕцӕуӕд дӕ фарн!
Рын ӕмӕ сонӕй дӕ хизӕд хъысмӕт!
Хистӕры намыс, кӕстӕры ӕхсар!
Хурау дын царды цырагъдарӕг уӕнт!
БАЗАРД:
Кад ӕмӕ радимӕ фидӕнмӕ кӕс!
Фарнимӕ абузӕд, ронгау, дӕ цард!
Амонд, мысайнагаy, адӕмтӕн хӕсс!
Уастырджи, рафӕлгӕс! Табу — Дӕхицӕн!