Алла М. Хадикова - Райгуырæн зæхх

Райгуырæн зæхх - Алла М. Хадикова слова: А Чеджемов музыка: Е. Воложанин Бæстæтæ бирæ сты, дуне — уæрæх, Цард цы рæвдауы фæрнæй. Фæлæ дæ хуызæн мæ Райгуырæн зæхх, Ацы стыр дунейыл нæй! Балцы уон искуы, хæстæг æви дард, Амонд мæн хурмæ хæссы. Æмæ Ирыстон цыма у мæ мад, Афтæ мæ фæдыл кæсы. Бауарзтон раджы нæ фæндыры цагъд, Ме уæнгты рог цин зылди. Арвæн йæ бæрзæндты урс цæргæс тахт, Уый кæд мæ зæрдæ уыди. Балцы уон искуы, хæстæг æви дард, Амонд мæн хурмæ хæссы. Æмæ Ирыстон цыма у мæ мад, Афтæ мæ фæдыл кæсы. Ирæн йæ куывды бон — цин æмæ хъазт, Амонд Хуыцауæй куырдтон. Æмæ æз мæ сыгъдæг, мæ сызгъæрин уарзт Дзуардтæн иронау дзырдтон. Балцы уон искуы, хæстæг æви дард, Амонд мæн хурмæ хæссы. Æмæ Ирыстон цыма у мæ мад, Афтæ мæ фæдыл кæсы. Балцы уон искуы, хæстæг æви дард, Амонд мæн хурмæ хæссы. Æмæ Ирыстон цыма у мæ мад, Афтæ мæ фæдыл кæсы.
Back to Top