Дзуджыхъуы кусы инклюзивон мультипликацион студи
Æнæхин, хæларзæрдæ æмæ курдиатджын сывæллæттæ. Ам сæ сæ курдиæттæй пайда кæнын сахуыр кодтой. Сæхæдæг саразынц хъазæнтæ æмæ суанг мультипликацион кинонывты рауагъды дæр архайынц. Ныртæккæ дæр сфæлдыстадон куыст кæнынц. Яринæ ацы уроктæм æппæтæй тынгдæр фенхъæлмæ кæсы. Йæ мадæн лæвар сарæзтæ йæхи къухтæй.
“Алцыдæр æрмæст сæ мидбылхудты тыххæй“, — зæгъы Заойты Алинæ. Проектыл дæр уый тыххæй райдыдта кусын. Рагæй йыл хъуыды кодта, диплом дæр ацы темæйыл фыста. Йе ’мкусджытæ йæ фарсмæ æрбалæууыдысты æмæ форуммæ ацыд. Йæ куыст æппæтæй хуыздæр разынд æмæ йæ бæллиц æххæст кæнынмæ бавнæлдта. Сæйраг хъуыды — сывæллæтты иудзинад, иу къорды архайынц. Кæдæдзийæн æххуыс кæнынц. Алинæ сывæллæтты рæзт уыны æмæ цин кæны.
Ныфсджындæр та кæнынц бонæй-бон тынгдæр. Ныридæгæн сæ хъæлæстæй сдзырдтой мультипликацион кинонывты хъайтартæ. Уымæй хуыздæр сæм ницы кæсы, — зæгъы педагог. Змисæй ныв кæнынмæ дæр рæвдз сты. Се ’нкъарæнтæ раргом кæнынц ацы архайдæй. Чысыл режиссертæ æрхъуыды кæнынц хъайтырты фæлгонцтæ, декорацитæ, дарддæр уыдонæй мультипликацион киноныв рауайы.
2025 азмæ мультстудийæн стыр фæндтæ ис. Фыццаг къахдзæф уал скодтой. Проекты æмгъуыд афæдзмæ у, фæлæ йæ адарддæр кæндзысты, къордтæ баххæст уыдзысты æмæ ног педагогты æрбахондзысты.