Фæснæл. Дæ изæр хорз, Ирыстон!

Адæймаг ци рауæни цæра, уой ку уарза, уæд æхе хонуй амондгун. Æрдзæн йæ алли фæззелæн, йæ алли æсдуф дæр æхцæуæн кæмæн уа, ейæ алли бонмæ дæр ракæсуй игъæлдзæг цæстæй. Æ цæрæн бунатбæл æновуд кай, уонæй еу æй хонхи цæрæг хумæтæг, зæрдхæлар æма косагæ лæг Хадати Солтан дæр. Мæнæн бантæстæй а цардæй еу бон бацæрун, æрæги адтæн мæхуæдæг Фæснæли. Зæрдиагæй уæ зонгæ кæнун нæ хъайтари хæццæ. _ Мы рядом в:
Back to Top