Дзуджыхъуы райдыдтой аивадон гимнастикй ерыст

Уæздан, фæлмæн æмæ уыцы иу рæстæг тыхджын æмæ ныфсхаст. Аивадон гимнастикæ у спорты рæсугъдæр хуызтæй иу. Фæлæ ахæм арæхстдзинад равдисын æнцон нæу - хъæуы æрвылбон хиуыл архайын, тренировкæтæ кæнын хæрз чысылæй фæстæмæ. Обруч, лентæ, булава æмæ пурти. Сæ реквизиттæ дæр сты цымыдисаг. Иу фæзыл сæ курдиат æмæ спортивон зонындзинæдтæ æвдисынц бæстæйы алы рæттæй гимнасткæтæ. Краснодар, Адыгея, Хъæрæсе-Черкес, Донецк, Дагестан, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй. Анастасия Тулупова æмæ Маргарита Беляй сты фæлтæрдджын архайджытæ. Аивадон гимнастикæйæ уæлдай ма архайынц балетæй дæр. Фæнды сæ уæлахиздзаутæ суæвын. Æмæ ууыл дызæрдыг дæр нæ кæнынц. Республикæйы аивадон гимнастикæйæ ерыстæ саразынц алы аз дæр. Ацы хатт сæ снысан кодтой Мадæлты бонæн. 4-æй 14 азы онг спортсменкæтæ сæ арæхстдзинад равдыстой куыд хицæнæй, афтæ къордты дæр. Ерыстæ сарæзта республикæйы аивадон гимнастикæйы федераци. Цæудзысты ма дыууæ боны. Æдæппæтæй дзы бацархайдзæн 700 спортсменæй фылдæр. Фыццаг уæлахиздзаутæ ныридæгæн райстой мадйантæ æмæ дипломтæ.
Back to Top