ARTRIO - Лейла

Лейла - ARTRIO (Геор Гозоев, Радион Гуларов, Инал Гучмазов) слова и музыка: Нодар Гуцати Туркаг Ирон чызг дæ, зонын дæ Лейла Уадз æмæ алчидæр уарзты хай фена Ацыттæ, афтæмæй хæрзбон нæ загътай Афтæмæй лæппуйæн йæ зæрдæ скъахтай Алæуу Ирон зæххыл, ма атæх абон Дзурын æрлæуу, мæ зæрдæ мын базон Скъахтай æрыгон лæппуйæн йæ зæрдæ Ма ацу о чызгай, цæй ма цавæр дæ? Фæлæ нæ байхъуыста, хæдтæхæг атахт. Мидбылты худгæйæ, фæстæмæ ракаст. Атахти урс бæллон, хæрзбон нæ загъта. Афтæмæй лæппуйæн йæ зæрдæ скъахта. Туркаг Ирон чызг дæ, зонын дæ Лейла Уадз æмæ алчидæр уарзты хай фена Скъахтай æрыгон лæппуйæн йæ зæрдæ Ма ацу о чызгай, цæй ма цавæр дæ? Алæуу Ирон зæххыл, ма атæх абон Дзурын æрлæуу, мæ зæрдæ мын базон Скъахтай æрыгон лæппуйæн йæ зæрдæ Ма ацу о чызгай, цæй ма цавæр дæ? Туркаг Ирон чызг дæ, зонын дæ Лейла Уадз æмæ алчидæр уарзты хай фена Скъахтай æрыгон лæппуйæн йæ зæрдæ Ма ацу о чызгай, цæй ма цавæр дæ?
Back to Top