Мужской хор Северо-осетинской Госфилармонии под руководством Ольги Джанаевой. Слова Георгия Малиева, музыка А. Секинаевой. "

Тæходуй, æна, Маргъ ку фестинæ, Мæ унгæг къумæй Фæццæйтæхинæ. А дуйнетæбæл Æрцæйзелинæ, Кæми ци дессаг, — Уой басгаринæ... Тæходуй, æна, Ацæмæзау дин Æз ку фестинæ Дессаг фæндургин: Хъазбеги цъонгмæ Исцæйцæуинæ, Дессагон зартæ Æрцæйцæгъдинæ... Уæд еугур дуйне Æримбурд уидæ, Мæ цæгъдтæлтæмæ Æригъосидæ. Кæми ци седзæр, Кæми ци мæгур, — Бауарзионцæ Мæ дессаг фæндур... И фарни тунæ Æрфелауидæ, — Уарзондзийнадæ Æрфедар уидæ. Уæд алли адæм, Уæд алли бæстæ Æркалионцæ Сæ тохæн гæрзтæ.
Back to Top